«АБОН АУЫДТОН НӔ СЫХЫ..»
Абон ауыдтон нӕ сыхы
Иу уӕздан хӕрзаив чызджы -
Уарди-дидинӕджы хуызы
Кафгӕ разылди нӕ уынджы...
Разылд уардиау, уӕндонӕй
Сыхы равдыста йӕ бартӕ
Хъазгӕ уацары ӕнцонӕй
Уый мын рацахста мӕ зӕрдӕ.
Уарзтӕй ницы ныр нӕ уынын,
Цӕст йӕ цӕстытӕй нӕ комы,
Арфӕй арфдӕр сӕ ныгъуылын
'Мӕ куыд фервӕзон нӕ зонын.
- О, чызгай, дӕумӕ куы дзурын
‘Мӕ бӕллын, бӕллын дӕ кастмӕ,
Доны лӕугӕйӕ фæсудзын
'Нхъӕлмӕ кӕсгæйæ дӕ уарзтмӕ.
Арвыл ленк кӕныс кӕсагау
Хъазгӕ стъалыйау ӕрттивыс,
Дард бынӕй, кӕмдӕр, кӕрдӕгау,
Мӕн дӕ къӕхты бын нӕ уыныс!..
Калыс уардиау цӕхӕртӕ
'Мæ хæссыс дæхи бæрзæндтæ,
Зон мӕ рухс ӕмӕ мӕ цард дӕ,
Цӕй-ма, баком мын, мæ зӕрдӕ!.