Поэмæ “Сих Мансур”-æй скъуыддзаг
Автор: Тугузты Аслæмбек
Баситы Зæлинæйы тæлмац.
Цырæгътæ ссыгъдысты æрвгæрон,
Нырризыд ахæстоны цар…
Убыхаг, абадзег, мæхъæлон,
Цæуынц, сæтгæйæ уазал тар.
Тæхынц æхситгæнгæ нæмгуытæ,
Бæхты мыр-мырæй байдзаг ком.
Цæуынц, цæуынц хæстон рæнхъытæ,
Æмæ сын нал зыны кæрон.
Стæй мæнæ хохрæбын æртæхы
Цытджын Тæгиаты бындар -
Дудараты Ахмæт йæ бæхыл -
Дайраны арф комы æлдар.
Йæ къухы ирд хуры цæxæртæм
Æрттивы йе 'хсаргарды ком.
Фæлæ æpxæндæг у йæ зæрдæ
Æмæ ызнæтхуызæй, ирон,
Цæxгæp фæурæдта йæ бæхы,
Зæгъы лæгъстиагау бæлццон:
«Сыгъдæгуд сих, æнусон зæххы
Ыссар мæнæн дæр-иу мæ ном.
Зæгъ-иу, Дайраны барджын комгæc,
Кæй бæрны хъалон исын уыд,
Æxxæcтгæнгæ йæ уды