Æмбал кæмæн нӕй , Уыцы Иунæг Кадджын Хуыцау, табу Дæхицæн! Æппæт дуне Рафæлдисæг Дæ æмы нæ Де сконд зæдты хорзæх дæр, Дæхи хорзæх дæр уæд!
– Оммен, Хуыцау!
Хетæджы Уастырджи, табу дæхицæн! Ирыстоны зæххыл цæрæг дзыллæтæм Хуыцауæй минæвар дæ æмæ ныл рæстырдæм куыд аудай, ахæм амонд нæ уæд! Дæ рухс кувæндонмæ Иры алы къуымтæй цы дзаджджын хуынтæ цæуы, уыдон дын барст уæнт!
– Оммен, Хуыцау!
Тыхы рæстæг у æмæ дæ курæм: Æрæфы дон, Урсдон, Æрыдон, Фиййагдон, Джызæлдон сæхи Терчы донимæ куыд æхсызгонæй бабастой, афтæ дæ кувæг ирон адæмы зонд æмæ хъарутæ куыд баиу уой, ахæм арфæ нын ракæн!
– Оммен, Хуыцау!
Хетæджы рухс Уастырджи, табу дæхицæн! Абон æфхæрд Ирыстоны бæркад йæ гаччы нал и, ц