Цард мæнгард у, уд - тæссонд,
Макуы байсысæд дæ зонд !
Цардмæ "вронг цæстытæй кæс,
Бафид а -зæххыл дæ хæс.
*****************
Царды уай цæмæй нымад -
Бакæн хистæрæн лæггад !
Уæд бæркадхæссæг дæ арм,
Искæй батавæд дæ хъарм.
******************
Арв нæ сæрмæ, зæхх - бынæй,
Се "хсæн цæр, мæ хур, фæрнæй.
Кадыл цæрын нæу æнцон,
Ис дыл хæс æвæрд, уый зон...
****************
Бонтæ азты ивынц тагъд...
Нæма у дæ бæлас сагъд ?
Ис дæ конд хæдзары фырт ?
Ничи у мæлæтæй хыст !
**************
Ма уæд "нæрвæссон дæ каст,
Ма кал адæмыл дæ маст !
Цард дывæрсыг у , уый зон...
Хорз у афоныл фæсмон.
****************
Бонтæ тагъд тæхынц , мæ хур,
Зив