«Бур Æртхурон, уæларвмæ цæуыс, нæ хорз хабар нын фæхæсс, хорз æмæ дзæбæхтæ нæм æрхæсс!»
Хуымæтæджы йæ бур нæ хонынц, хуымæтæджы йæ Хуры хуызæн нæ кæнынц. Хурæн, артæн куывтой нæ фыдæлтæ. Æртхуроны æвæрд ис бинонты фидæн - йæ хуылфы йын-иу бакодтой æвзист æхца, хоры нæмыг, фыды мур æмæ æндæртæ. Скувыны фæстæ-иу æй бинонтæ цал уыдысты, уал хайы куы акодтой, уæд-иу йæ карсты кæмæн цы разынд, уымæ гæсгæ цинæнхъæл уыд йæ фидæнæй: æхцаимæ – уыдзæн æхцаджын, хоры нæмыгимæ –хорджын, фыды муримæ – фосджын.