ЛИТЕРАТУРОН БУНТÆЙ.
ГУРДЖИБЕТИ Блашка
УАЦАЙРАГ
Е раги адтæй. Гребенскаг хъазайхаг полкъи хæццæ æз адтæн æфсæддон тактикон архайди Дагестани хуæнхти. Еухатт, квартирьер уогæй, мæ бæрнæхсти ци æфсæддонти къуар адтæй, уони хæццæ арф коми ниххизтан еу авайраг гъæумæ. Байагурдтон гъæуи старшини. Фал æхуæдæг дæр, æ бæрнæхсти ка ’дтæй, уонæй дæр уруссагау неке зудта, æз ба – авайрагау. Мæн багъудæй (къуæттий хузæн) къохтæй амонун, цæмæй мин мæ къуари хæццæ рæфтади мадзал бакодтайдæ. Фал уомæй ахсгиагдæр адтæй старшинæн бардзурд раттун, мæ фæсте ци æфсæддон хæйттæ рацудайдæ, уонæн фатертæ æма хуæруйнаг исцæттæ кæнуни туххæй. Ами къохти амундæй неци уадæй. Старшин уинуй, афицери цидæр æсхидзгæ гъу